Лавров: Мӕскуы ӕмбӕлон дзуапп скӕндзӕн АИШ-ы скъуыддзагӕн УФ территори арфмӕ ӕхсыны фӕдыл

© МИД РФ /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров
Сергей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 ноя – Sputnik. Мӕскуы ӕмбӕлон дзуапп ратдзӕн Америкӕйы Иугонд Штатты (АИШ) скъуыддзагӕн, уымӕ гӕсгӕ Киевӕн бар радтой Уӕрӕсейы территори арфмӕ ӕхсын, фехъусын кодта Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавров.
"Кӕд стыр дардады ракетӕтӕй ӕхсой Укаринӕйы территорийӕ Уӕрӕсейы территори, уӕд уый сбӕрӕг кӕндзӕн, кӕй сӕ пайда кӕнынц америкӕйаг ӕфсӕддон эксперттӕ. Ӕмӕ мах уый ӕмбардзыстӕм куыд ныгуылӕйнаг бӕстӕты хӕсты ног этап Уӕрӕсеимӕ ӕмӕ архайдзыстӕм ӕмбӕлон уагыл", - загъта министр "G20" саммиты хатдзӕгты фӕдыл пресс-конференцийы рӕстӕджы.
Уый размӕ америкӕйаг ДИФ-тӕ фехъусын кодтой, АИШ-ы президент Джо Байден фыццаг хатт бар кӕй радта Украинӕйӕн пайда кӕнын америкӕйаг ракетӕтӕй Уӕрӕсейы территори фехсынӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0