Хуссар Иры ацæудзысты Хъæбатырдзинад æмæ адæмон иудзинады бонæн нывонд мадзæлттæ

© Sputnik / Наталья АйриянХъæбатырдзинад æмæ адæмон иудзинады бон
Хъæбатырдзинад æмæ адæмон иудзинады бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны ацы къуыри ацæудзысты Хъæбатырдзинад æмæ адæмон иудзинады бонæн нывонд мадзæлттæ.
Анахарсисы номыл Республикон Национ библиотекæйы 22 ноябры ацæудзæн тымбыл фынг 15.00 сахатыл. Мадзалы организатор у Хуссар Ирыстоны культурæйы министрад.
Столицæйы театралон фæзуатæй 23 ноябры 10.30 сахатыл райдайдзæн бæрæгбонон цыд ныхмæлæуды бынатмæ ТЭК-ы районы.
Республикæйы къухдариуæгад æмæ тыхон структурæты минæвæрттæ сæвæрдзысты дидинтæ æмæ веноктæ Фыдыбæстæйы зынгхуыт хъахъхъæнджыты Мемориалмæ.
Уыцы бон ма 11.00 сахатыл Цхинвалмæ бацæуæны ТЭК-ы районы ацæудзæн Хъæбатырдзинад æмæ адæмон иудзинады бонæн нывонд митинг.
Афтӕ ма республикӕйы ахуырадоне уагдӕтты цӕуынц тематикон уроктӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0