https://sputnik-ossetia.com/20241121/putin-urse-fekhsta-ukrainyy-fsddon-obekt-nog-rakety-31080438.html
Путин: Уæрæсе фехста Украинæйы æфсæддон объект ног ракетæйæ
Путин: Уæрæсе фехста Украинæйы æфсæддон объект ног ракетæйæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 ноя – Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдтæ фехстой Днепропетровскы егъау хæцæнгарзон комплекс ног баллистикон ракетæ "Орешник"-æй, фехъусын кодта Уæрæсейы... 21.11.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-11-21T23:54+0300
2024-11-21T23:54+0300
2024-11-22T09:56+0300
уӕрӕсейы
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ног хабӕрттӕ
владимир путин
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/15/31079997_0:127:3188:1920_1920x0_80_0_0_fefc08de5f1e0e9a5e234412853e6bab.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 ноя – Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдтæ фехстой Днепропетровскы егъау хæцæнгарзон комплекс ног баллистикон ракетæ "Орешник"-æй, фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин.Президент банысан кодта, ракетæ кæй уыд æнæядерон комплектацийы.Владимир Путин бахахх кодта, ныгуылæйнаг бæстæтæ дардмæхсæн ракетæтæй Курск æмæ Брянскы областтæ куы фехстой, уый фæстæ Украинæйы конфликт райста глобалон характеры элементтæ.Паддзахады сæргълæууæг ма бахахх кодта, Уæрæсе дарддæр кæй пайда кæндзæн астæуккаг æмæ къаддæр дардады ракетæтæй, кæд æмæ Америкæ æмæ сæ сателлиттæ æхсой ракетæтæй Уæрæсейы территори.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/15/31079997_229:0:2960:2048_1920x0_80_0_0_ecb1282f26beddf37fe5378a1e06f1a6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ, владимир путин
уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ног хабӕрттӕ, владимир путин
Путин: Уæрæсе фехста Украинæйы æфсæддон объект ног ракетæйæ
23:54 21.11.2024 (Ранӕуӕггонд: 09:56 22.11.2024) ЦХИНВАЛ, 21 ноя – Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдтæ фехстой Днепропетровскы егъау хæцæнгарзон комплекс ног баллистикон ракетæ "Орешник"-æй, фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин.
Президент банысан кодта, ракетæ кæй уыд æнæядерон комплектацийы.
"Америкæйæгтæ æмæ бритайнæгтæ дардмæхсæн хæцæнгарзæй кæй спайда кодтой, уый фæдыл 21 ноябры Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ фехстой Украинæйы хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы объекттæй иу", - загъта Путин йæ раныхасы сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы цауты тыххæй.
Владимир Путин бахахх кодта, ныгуылæйнаг бæстæтæ дардмæхсæн ракетæтæй Курск æмæ Брянскы областтæ куы фехстой, уый фæстæ Украинæйы конфликт райста глобалон характеры элементтæ.
Паддзахады сæргълæууæг ма бахахх кодта, Уæрæсе дарддæр кæй пайда кæндзæн астæуккаг æмæ къаддæр дардады ракетæтæй, кæд æмæ Америкæ æмæ сæ сателлиттæ æхсой ракетæтæй Уæрæсейы территори.