Цӕгат Иры онкологион диспансерӕн балхӕдтой ног ифтонггарз

© Sputnik / Таисия Лисковец /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Иры онкологион диспансерӕн балхӕдтой ног ифтонггарз
Цӕгат Иры онкологион диспансерӕн балхӕдтой ног ифтонггарз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы республикон онкологион диспансерӕн балхӕдтой медицинон техникӕйы 50 иуӕджы, фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Техникӕ ӕлхӕд ӕрцыд нацпроект "Ӕнӕниздзинад"-ы руаджы.
"Ӕмрӕстӕджы нӕ медиктӕ ӕххӕст кӕнынц егъау куыст онкологион низтӕ развӕлгъау сбӕрӕг кӕныны фӕдыл: уадзынц диспансеризаци, ацӕуынц рынчынтӕм змӕлгӕ медицинон комплекстимӕ", - ныффыста республикӕйы сӕргълӕууӕг йӕ telegram-каналы.
Сергей Меняйло бафтыдта, зӕгъгӕ, ахсджиаг у фыццаг стадитыл сбӕрӕг кӕнын низ ӕмӕ рӕстӕгыл райдайын хос кӕнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0