Дзæуджыхъæуæн цæттæ кæнынц ногазон фæлыст

© R.A.V.Ногазон Дзæуджыхъæу
Ногазон Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik. Ног азмæ Дзæуджыхъæуы ссæдз бынатæй фылдæрæн ратдзысты бæрæгбонон хуыз. Горæты администрацийы пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй иллюминациты æмæ инсталляциты фылдæр хай раздæрыуæттæ сты, фæлæ дзы кæцыдæрты хъæуы бацалцæг кæнын кæнæ баивын.
Сæйраг ногдзинад уыдзæн Миллеры уынджы, филармонийы цур – уым бакæндзысты рухсыты инсталляци. Ахæм конструкцитæй саив кæндзысты Дзæуджыхъæумæ бацæуæнтæ дæр, сæйраг ногазон бæлас та æрвылхаттау сæвæрдзысты Уæлахизы фæзы. Уымæй уæлдай ма ацы аз Дзæуджыхъæуы уынгты цæудзæн бæрæгбонон трамвай.
Ног хабӕртты лентӕ
0