Галаты Барисы юбилеймæ Цхинвалы цæуы æхсæнадæмон музыкалон конкурс

© Михаил АвагимовÆхсæнадæмон музыкалон фестиваль "Тропой Галати"
Æхсæнадæмон музыкалон фестиваль Тропой Галати - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Плиты Фатимæ. Галаты Барисы юбилеймæ абон Цхинвалы райдыдта æхсæнадæмон музыкалон конкурс "Тропой Галати". Дыууæ боны дæргъы Дзæуджыхъæу, Налцыкк, Беслæн, Дигора æмæ Цхинвалы музыкалон скъолаты ахуырдзаутæ, афтæ ма Гергиты Ларисæйы номыл Новороссийскы музыкалон съколайы минæвæрттæ сæ арæхстдзинад æвдисдзысты цыппар номинацийы: вокал, фортепиано, скрипкæ æмæ адæмон инструменттæ. Æдæппæтæй дзы бацархайдзæн 61 иу адæймаг.
Фестивалы райдианы бакастысты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфæ, уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæн æгасцу загъта республикæйы культурæйы министр Зæгъойты Радæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0