Мæскуыйы фембæлдысты ХПÆ-йы бæстæты сæрмагонд службæты разамонджытæ

© Sputnik / Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы президент Владимир Путин
Уæрæсейы президент Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik. Мæскуыйы æрæмбырд сты, Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады (ХПÆ) сконды чи ис, уыцы бæстæты сæрмагонд службæты разамонджытæ. Уынаффæ цыд иумæйаг куысты хатдзæгтыл æмæ дарддæры æмархайды нысæнттыл.
Владимир Путины номæй арфæ бакастис Уæрæсейы Æддагон сгæрсты службæйы сæргълæууæг Сергей Нарышкин. Фыстæджы куыд дзырдæуы, афтæмæй ХПÆ-йы сæрмагонд службæты сæйраг хæс у Æмхæларады бæстæты æддагон æндæвдадæй бахизын, афтæ ма терроризмы ныхмæ мадзæлттыл бакусын.
Сергей Нарышкин йæ раныхасы фехъусын кодта:
Уæлахизы 80 азы агъоммæ Ныгуылæн архайы, нацизмыл фæуæлахизы хъуыддаджы Советон Цæдисæн цы ахадындзинад уыд, уый æрдæлæмæ кæныныл;
Ныгуылæны нысан у ХПÆ-йы бæстæты `хсæн канд политикон æмæ экономикон нæ, фæлæ историон æмæ географион бастдзинæдтæ дæр аскъуынын;
Гуырдзыстоны уавæр сызмæнтынæй ницы рауайдзæн, Беларусь æмæ Казахстан сæнкъуысын кæныны хъавдæй куыд ницы рауад, афтæ;
Украинæ ссис æнæххæст паддзахад. Уыцы фæндагыл цæуы Молдовæ дæр;
Интеграцион процесстæ къуылымпы кæныны хъуыддаг евразиаг континентыл адарддæр уыдзæн Трампы рæстæджы дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0