Гуырдзыстоны дарддæр цæуынц змæстытæ

© Sputnik / Стрингер /  Ахизын медиабанкмæГуырдзыстоны оппозицийы акци
Гуырдзыстоны оппозицийы акци  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik. Знон Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзе фехъусын кодта, 2028 азы онг кæй нал архайдзысты Евроцæдисмæ бацæуыныл. Уыцы ныхæстæ расайдтой змæстытæ. Уынаффæимæ разы кæй нæу, уый равдисыны охыл оппозици ауагъта митинг. Парламенты бæстыхайы цур сарæзтой баррикадæтæ. Митинггæнджытимæ баиу Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили дæр.
Акцийы архайджыты асурыны охыл тыхон структурæты бахъуыд донпырхгæнæнтæй спайда кæнын. Фæлæ сæхуыдтæг æвыдæй нæ баззадысты. Полицийы 32 кусæджы бахъуыд медицинон æххуыс.
Ног хабӕртты лентӕ
0