Цхинвалы цæрæджы чи фехста, уый барвæндонæй бацыд милицимæ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæФыдгæнæг
Фыдгæнæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 дек – Sputnik. Республикæйы цæрæджы амарыны зæрдæхсайгæ, Цхинвалы 27-аздзыд цæрæг, барвæндонæй бацыд мидхъуыддæгты органтæм.
Фыдракæнд æрцыд 29 ноябры изæры Цхинвалы Бушы æмæ 8 Июны уынгты алвæндагыл. Фæдагуырды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæлгоймæгты æхсæн æрцыд хыл, уый рæстæджы зæрдæхсайгæ цалдæр æхст фæкодта Цхинвалы 43-аздзыд цæрæджы. Зианбаййафæг амард медицинон уагдонмæ фæндагыл.
"Зæрдæхсайгæ фæтары цауы бынатæй, уый фæстæ райдыдтой агуырдон мадзæлттæ. Знон æхсæв уый барвæндонæй æрбацыд мидхъуыддæгты органтæм æмæ басаст йæ фыдракæндыл", - дзырдæуы Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусинаджы.
Министрады банысан кодтой, зæрдæхсайгæйы кæй радтой Генералон прокуратурæмæ дарддæры фæдысгæрстæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0