https://sputnik-ossetia.com/20241204/bekoyty-soslan-natsbanchy-fytstsag-banktonayyl-uydzan-khetagkaty-kostayy-khuyzist-31206652.html
Бекъойты Сослан: Нацбанчы фыццаг банктонӕйыл уыдзӕн Хетӕгкаты Къостайы хуызист
Бекъойты Сослан: Нацбанчы фыццаг банктонӕйыл уыдзӕн Хетӕгкаты Къостайы хуызист
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 4 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Национ банк фӕнд кӕны рауадзын банкнотӕты сери – сӕ номинал уыдзӕн 10, 25, 150, 200 ӕмӕ 500 зӕрины... 04.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-04T12:23+0300
2024-12-04T12:23+0300
2024-12-04T12:23+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0c/02/31189734_0:56:2229:1309_1920x0_80_0_0_596577c0f7148132919348273847f142.jpg
ЦХИНВАЛ, 4 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Национ банк фӕнд кӕны рауадзын банкнотӕты сери – сӕ номинал уыдзӕн 10, 25, 150, 200 ӕмӕ 500 зӕрины, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Нацбанчы сӕргълӕууӕг Бекъойты Сослан.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Нацбанчы фыццаг банкнотӕ уыдзӕн 100 зӕрины номиналимӕ ӕмӕ йыл уыдзӕн Хетӕгкаты Къостайы хуызист."Аннӕ купюрӕтыл та уыдзӕн Ирыстоны ӕндӕр номдзыд архайджыты хуызисттӕ. Мах фӕнд кӕнӕм рауадзын фыццаг банкнотӕ 10-20 мин экземпляры", - фехъусын кодта Бекъойты Сослан.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0c/02/31189734_0:0:2127:1595_1920x0_80_0_0_b97b1486f9f839e3481ab492b97a1571.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
Бекъойты Сослан: Нацбанчы фыццаг банктонӕйыл уыдзӕн Хетӕгкаты Къостайы хуызист
ЦХИНВАЛ, 4 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Национ банк фӕнд кӕны рауадзын банкнотӕты сери – сӕ номинал уыдзӕн 10, 25, 150, 200 ӕмӕ 500 зӕрины, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Нацбанчы сӕргълӕууӕг Бекъойты Сослан.
"Банкнотӕты рауагъд у Хуссар Ирыстоны популяризаци. Уыдон зӕрдиагӕй фелхӕнынц сӕрмагонд равдыстты, афтӕ ма ис коллекционертӕ дӕр. Адӕймаг нӕ банкнотӕ куы балхӕна, уӕд ӕм чизоны фӕзына хъуыды, цӕмӕй ӕрцӕуа балцы Хуссар Ирыстонмӕ. Афтӕ ма банк ацы проекты реализацийӕ райсдзӕн ӕфтиаг дӕр", - загъта Бекъойты Сослан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Нацбанчы фыццаг банкнотӕ уыдзӕн 100 зӕрины номиналимӕ ӕмӕ йыл уыдзӕн Хетӕгкаты Къостайы хуызист.
"Аннӕ купюрӕтыл та уыдзӕн Ирыстоны ӕндӕр номдзыд архайджыты хуызисттӕ. Мах фӕнд кӕнӕм рауадзын фыццаг банкнотӕ 10-20 мин экземпляры", - фехъусын кодта Бекъойты Сослан.