Йӕ цардӕй ахицӕн Хуссар Иры аивӕдты сгуыхт архайӕг, нывгӕнӕг Валерий Авагимов

© Photo : Пресс-служба президента РЮОВалерий Авагимов
Валерий Авагимов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 дек – Sputnik. Цхинвалы йӕ цардӕй ахицӕн поэт, бард, Хуссар Ирыстоны нывгӕнджыты Цӕдисы уӕнг Валерий Авагимов.
Авагимов каст фӕцис Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон ахуыргӕнӕндон Цхинвалы 1968 азы. Уый фӕстӕ куыста Хуссар Ирыстоны аивадон фонды ӕмӕ хайад иста алгъуызон равдыстты Цхинвал, Мӕскуы, Тбилис, Новороссийск, Сочи, Севастополь ӕмӕ ӕндӕр горӕтты. Йӕ куыстытӕ сты галерейтӕ ӕмӕ хисӕрмагонд коллекциты Мӕскуы, Санкт-Петербург, Симферополь, Тбилис, Токио, Сидней, Квебек ӕмӕ ӕндӕр горӕтты.
Валерий Авагимов фыста ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр – мыхуыры йын рацыд ӕртӕ ӕмбырдгонды.
Авагимовӕн уыд активон граждайнаг позици, хайад иста 1988 азы Сомихы зӕххӕнкъуысты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныны.
Ног хабӕртты лентӕ
0