Цхинвалы хай майрæмбоны баззайдзæн æнæ донæй

Кран - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik. Цхинвалы хай майрæмбоны, 6 декабры, баззайдзæн æнæ донæй донвæды хызæгты аварион-цалцæггæнæн куыстыты тыххæй, хъусын кæны столицæйы администрацийы пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, дон кæй ахицæн кæндзысты Цхинвалы хуссар æмæ централон хæйтты.
"Харебаты Исахъы æмæ Хъайтарты уынджы алвæндагыл магистралон доны хæтæлыл аварион-цалцæггæнæн куыстыты тыххæй Цхинвалы ахицæн кæндзысты дон майрæмбоны 10:00 сахатæй 17:00 сахаты онг", - банысан кодтой администрацийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0