Милици рейдты рæстæджы сбæрæг кодта фехæлдтæ Цхинвалы дыууæ дуканийы

© МВД Республики Южная ОсетияЭнергетикон нозт
Энергетикон нозт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 дек - Sputnik. Цхинвалы хæлцадон дуканиты басгæрсты рæстæджы экономикон фыдракæндты ныхмæ тохы фæткдаруаты кусджытæ сбæрæг кодтой дыууæ фехæлды. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Дуканитæй иуы ссардæуыд тобæгонд энергетикон нозт. Бæрндзинадмæ æрбаздахтой 28-аздзыд сылгоймаджы.
"Сылгоймагмæ æнхъæлмæ кæсы ивар административон фæткхалды æрмæджыты конфискациимæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Дыккаг дуканийы рабæрæг амалиуæгадон архайд æнæ паддзахадон регистрацийæ, 18-аздзыд чызджы фæдыл сарæзтæуыд протокол административон фæткхалды фæдыл.
Басгæрсты фæстæ æрæмбырдгонд æрмæджытæ барвитдзысты Цхинвалы тæрхондонмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0