Лавров: Мах цӕттӕ стӕм саразын алцыдӕр, цӕмӕй бахъахъхъӕнӕм нӕ закъонон интерестӕ

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров
Сергей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik. Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавров йӕ интервьюйы америкӕйаг журналист Такер Карлсонӕн фехъусын кодта, ракетон комплекс "Орешник"-ы фӕлварӕнӕй Уӕрӕсе кӕй загъта дунейӕн "мах цӕттӕ стӕм саразын алцыдӕр, цӕмӕй бахъахъхъӕнӕм нӕ закъонон интерестӕ".
Афтӕ ма Сергей Лавров бахахх кодта, зӕгъгӕ, ӕрӕджы Джон Кирби загъта, америкӕйӕйгты кӕй нӕ фӕнды ядерон эскалаци, уымӕн ӕмӕ зиан баййафдзысты сӕ европейаг цӕдисонтӕ.
Уымӕй дарддӕр, Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, ныгуылӕйнаг бӕстӕтӕ рӕдийынц, Уӕрӕсейы сырх хӕххытӕ сӕ кӕй уырнынц, уый тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0