Песков: Уӕрӕсе ӕдзух ныхас кӕны Абхазимӕ социалон ифтонгады фарстытыл

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæСухум
Сухум - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik. Уӕрӕсейы президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков фехъусын кодта, Уӕрӕсе ӕдзух кӕй ныхас кӕны Абхазимӕ социалон ифтонгады фарстытыл.
Къуырисӕры Абхазы премьер-министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Валерий Бганба фехъусын кодта, кӕй бадзырдта Уӕрӕсейы хицауадмӕ, цӕмӕй сын рахицӕн кӕной 1 сентябрӕй фӕстӕмӕ цы финансон ӕххуыс ӕрурӕдтой, уый.
"Куыд ацы документы темӕтӕ, афтӕ ма социалон ифтонгады ӕндӕр фарстытыл дӕр мах ӕдзух ныхас кӕнӕм нӕ абхазаг ӕмбӕлттимӕ. Мах адарддӕр кӕндзыстӕм баныхас", - загъта Дмитрий Песков журналисттӕн.
Уӕрӕсе 2024 азы 1 сентябры ӕрурӕдта социалон фиддонтӕ абхазӕн финансон-экономикон ӕххуысы фӕлгӕтты. Афтӕ ма фӕззыгон-зымӕгон энергодефициты рӕстӕджы республикӕмӕ электроэнерги райдыдта цӕуын коммерцион аргъӕй. Ацы мадзӕлттӕ ист ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ абхазаг фарс нӕ сӕххӕст кодта Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазы закъонты гармонизацийы фӕдыл йӕхимӕ цы хӕстӕ райста, уыдон. Ацы мадзӕлттӕ нысан ӕрцыдысты Уӕрӕсейы президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Дмитрий Козак ӕмӕ Абхазы раздӕры президент Аслан Бжанияйы фембӕлды протоколы 2024 азы 19 августы.
Ног хабӕртты лентӕ
0