Хуссар Ир фæнд кæны рауæрæх кæнын Уæрæсейы культурон уæвынад

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир æмæ Уæрæсейы тырысатæ
Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады приоритетон здæхтытæй иу у æхсæнадæмон æмгуыстад, загъта культурæйы министр Зæгъойты Рада йæ пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik-ы.
"Ис нын æнтыстытæ ацы здæхты. Нæ сфæлдыстадон коллективтæн ис гастрольтæ Уæрæсейы алыгъуызон регионты, хайад исæм Уæрæсейы культурæйы министрады ахсджиаг мадзæлтты. Махæн нæ коллегæтимæ ис пайдаджын æмæ активон æмгуыстад", - загъта Зæгъойты Рада.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æмгуыстад фæнд кæнынц рауæрæх кæнын Дагестан, Адыгей, Кæсæг-Балхъар æмæ Хъæрæсе-Черкесиимæ.
Афтæ ма министр бафтыдта, зæгъгæ, фидæн аз культурæйы къабазы приоритетон здæхтытæй иу уыдзæн Санкт-Петербург, уымæй дарддæр нывæсты ис ауадзын Хуссар Ирыстоны культурæйы бонтæ Хъырымы.
Ног хабӕртты лентӕ
0