https://sputnik-ossetia.com/20241211/khussar-iry-abaragay-fesafag-goymagty-farst-u-aktualon-31281041.html
Хуссар Иры ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг гоймӕгты фарст у актуалон
Хуссар Иры ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг гоймӕгты фарст у актуалон
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг гоймӕгты проблемӕ у актуалон. Президенты ӕххӕстбарджын адӕймаджы барты фӕдыл... 11.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-11T11:13+0300
2024-12-11T11:13+0300
2024-12-11T11:13+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/0b/18203716_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_ad4a47a5e3a374c050405767e28d1d91.jpg
ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг гоймӕгты проблемӕ у актуалон. Президенты ӕххӕстбарджын адӕймаджы барты фӕдыл Тасойты Инал Цхинвалы пресс-конференцийы рӕстӕджы банысан кодта, ацы фарст комкоммӕ баст кӕй у Гуырдзыстонимӕ конфликт ӕмӕ йӕ фӕстиуджытимӕ.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, регионы ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг гоймӕгты агуырд ӕххӕст цӕуы ӕртӕварсон координацион механизмы фӕлгӕтты, хайад дзы исынц Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе, афтӕ ма Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон комитет.Тасойты Инал бафтыдта, зӕгъгӕ, агуырды хъуыддаджы ӕмбӕлон ӕххуыс нӕ кӕнынц ӕхсӕнадӕмон структурӕтӕ ӕмӕ тӕрхондӕттӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/0b/18203716_172:0:2901:2047_1920x0_80_0_0_9f1c23bb5442bc7e59e7bf2eccd4d0ad.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг гоймӕгты фарст у актуалон
ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг гоймӕгты проблемӕ у актуалон. Президенты ӕххӕстбарджын адӕймаджы барты фӕдыл Тасойты Инал Цхинвалы пресс-конференцийы рӕстӕджы банысан кодта, ацы фарст комкоммӕ баст кӕй у Гуырдзыстонимӕ конфликт ӕмӕ йӕ фӕстиуджытимӕ.
"Гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы фесӕфтысты 145 адӕймаджы бӕрц. Уыдонӕй аст фесӕфтысты 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы. Ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг гоймаджы агуырд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, у дӕргъвӕтин процесс ӕмӕ бирӕ бӕстӕты адарддӕр вӕййы дӕсгай азтӕм, фӕлӕ мах фӕнды тагъддӕр архайын ацы здӕхты", - бахахх кодта Тасойты Инал.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, регионы ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг гоймӕгты агуырд ӕххӕст цӕуы ӕртӕварсон координацион механизмы фӕлгӕтты, хайад дзы исынц Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе, афтӕ ма Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон комитет.
Тасойты Инал бафтыдта, зӕгъгӕ, агуырды хъуыддаджы ӕмбӕлон ӕххуыс нӕ кӕнынц ӕхсӕнадӕмон структурӕтӕ ӕмӕ тӕрхондӕттӕ.