Хуссар Иры Ленингоры районы тæрккъæвдатæ фехæлдтой хид

© Photo : Пресс-служба Ленингорского районаЛенингоры район
Ленингоры район - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 дек – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Куртайы хъæуы хид фехæлд тæрккъæвдаты аххосæй. Районы пресс-службæйы разамонæг Кокойты Анжела куыд фехъусын кодта, афтæмæй уый у районы центримæ иунæг иугæнæн хид.
"Хиды цалцæг æнæмæнгхъæугæ у цæрджыты æдасдзинадæн районон центрмæ цæугæйæ" - радзырдта уый.
Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ активон темптæй кусынц рæстæгмæ фистæгон ахизæны арæзтадыл.
"Районы сæргълæууæг Уалыты Муртаз бахахх кодта, ног хиды уылты цæрджытæ æдасæй кæй хиздзысты доны сæрты", - банысан кодта Кокойты Анжела.
Районы хицауад декабры кæрæттæм фæнд кæны саразын рæстæгмæ фистæгон ахизæн, цалынмæ арæзт цæуа ног хид.
Ног хабӕртты лентӕ
0