Цхинвалы байгом уыдзæн егъау ногазон равдыст-армукъа

© Sputnik / Михаил АвагимовРавдыст-армукъа
Равдыст-армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 дек – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы 26-æй 28-æм декабрмæ ацæудзæн егъау ногазон равдыст-армукъа.
Адæмон сфæлдыстады республикон центры кусæг Джаджиты Ацырухс куыд фехъусын кодта Sputnik-æн, афтæмæй равдысты хайад райсдзысты мастертæ æппæт Хуссар Ирыстонæй.
"Равдыст цæудзæн æртæ боны дæргъы, цæмæй уазджытæн фылдæр рæстæг уа лæвæрттæ равзарын æмæ мастерты куыстытимæ базонгæ кæнынимæ", - банысан кодта уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ куыстытæ бавдисдзысты алыгъуызон здæхты 30-50 мастеры. Равдыст-армукъа цæудзæн Анахарсисы номыл Респуликон библиотекæйы бæстыхайы раз.
Ног хабӕртты лентӕ
0