https://sputnik-ossetia.com/20241213/khussar-iry-raydydta-kharzaudan-proekt-ma-nogazon-ballits-31313290.html
Хуссар Иры райдыдта хӕрзаудӕн проект "Мӕ ногазон бӕллиц"
Хуссар Иры райдыдта хӕрзаудӕн проект "Мӕ ногазон бӕллиц"
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны райдыдта егъау хӕрзаудӕн проект "Мӕ ногазон бӕллиц". 13.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-13T16:03+0300
2024-12-13T16:03+0300
2024-12-13T16:03+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
ног аз
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/780/20/7802006_0:320:3073:2048_1920x0_80_0_0_dce34ae322d435372bb158ba44b5eeb4.jpg
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны райдыдта егъау хӕрзаудӕн проект "Мӕ ногазон бӕллиц".ПТРК "Ир"-ы сӕйраг редактор Козаты Дзерассӕ радзырдта Sputnik-ӕн проектыл куысты тыххӕй.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн 200 сывӕллоны бӕрц бабӕрӕг кодтой студи, ноджы ма ӕнхъӕлмӕ кӕсынц 30-50 сывӕллонмӕ. Афтӕ ма Козаты Дзерассӕ стыр бузныг загъта сывӕллӕтты омбудсмен Джиоты Аэлита ӕмӕ президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тыбылты Аланӕн проекты организацийӕн егъау ӕххуыс бакӕныны тыххӕй."Проекты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ программӕ нӕ телеканалы эфиры рацӕудзӕн 31 декабры" - бафтыдта сӕйраг редактор.Проект реализаци цӕуы президенты администраци ӕмӕ Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы иумӕйаг тыхтӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/780/20/7802006_138:0:2869:2048_1920x0_80_0_0_1cb17cf9808d69383a2be9824eb96d95.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, ног аз
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, ног аз
Хуссар Иры райдыдта хӕрзаудӕн проект "Мӕ ногазон бӕллиц"
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны райдыдта егъау хӕрзаудӕн проект "Мӕ ногазон бӕллиц".
ПТРК "Ир"-ы сӕйраг редактор Козаты Дзерассӕ радзырдта Sputnik-ӕн проектыл куысты тыххӕй.
"Фӕстаг дыууӕ къуырийы дӕргъы мах цӕттӕ кодтам проект. Студийы фыццаг уазджытӕ уыдысты Цхинвал ӕмӕ Дзауы интернатты сывӕллӕттӕ, афтӕ ма Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕ. Уыдон сӕвӕрдтой назбӕласыл сӕ фыстӕджытӕ бӕллицтимӕ. Проекты амонджытӕ сты Икъаты Милена ӕмӕ Плиты Олег. Тагъд рӕстӕджы нӕ студимӕ райдайдзысты цӕуын сывӕллӕтты бӕллицтӕ чи ӕххӕст кӕна, уыдон", - банысан кодта Козаты Дзерассӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн 200 сывӕллоны бӕрц бабӕрӕг кодтой студи, ноджы ма ӕнхъӕлмӕ кӕсынц 30-50 сывӕллонмӕ. Афтӕ ма Козаты Дзерассӕ стыр бузныг загъта сывӕллӕтты омбудсмен Джиоты Аэлита ӕмӕ президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тыбылты Аланӕн проекты организацийӕн егъау ӕххуыс бакӕныны тыххӕй.
"Проекты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ программӕ нӕ телеканалы эфиры рацӕудзӕн 31 декабры" - бафтыдта сӕйраг редактор.
Проект реализаци цӕуы президенты администраци ӕмӕ Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы иумӕйаг тыхтӕй.