https://sputnik-ossetia.com/20241213/sergey-menyaylo-sdzuapp-kodta-respublikayy-tsardzhyty-farstytyl-31308239.html
Сергей Меняйло сдзуапп кодта республикӕйы цӕрджыты фарстытыл
Сергей Меняйло сдзуапп кодта республикӕйы цӕрджыты фарстытыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 13 дек - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ацыд "Комкоммӕ лини" республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлоимӕ. Регионы разамонӕг дзуапп кодта цӕрджыты фарстытыл... 13.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-13T11:06+0300
2024-12-13T11:06+0300
2024-12-13T11:06+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0c/0d/31306723_0:2:1366:770_1920x0_80_0_0_b77e6466334cc46805857f8963b09f6e.jpg
ЦХИНВАЛ, 13 дек - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ацыд "Комкоммӕ лини" республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлоимӕ. Регионы разамонӕг дзуапп кодта цӕрджыты фарстытыл цыппар сахаты дӕргъы.Уыцы рӕстӕгмӕ колл-центр бакуыста 247 ӕрбадзырдыл, "комкоммӕ лини"-йы анонсӕй фӕстӕмӕ та ӕдӕппӕт ӕрбацыд 1200 хъусинаджы. Сергей Меняйло баныфсӕвӕрдта, зӕгъгӕ, цӕрджыты фарстытӕй кӕдоныл нӕ бантыст сдзуапп кӕнын, уыдон иууылдӕр ӕрвыст ӕрцӕудзысты республикон ӕмӕ муниципалон органтӕм, цӕмӕй сыл бакусой.Цӕгат Ирыстоны цӕрджыты фарстыты фылдӕр хай баст уыдысты ЦКХ, уӕлбартӕ, ахуырад, цӕрӕнуат, фӕндӕгтӕ ӕмӕ куысты бынӕттимӕ.Афтӕ ма Сергей Меняйло дзырд радта сӕххӕст кӕнын ӕхсӕз сывӕллоны ногазон бӕллицы.Эфиры кӕрон Меняйло фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Бинонты азы кӕрон 25, 50, 60 ӕмӕ фылдӕр азы цы ӕмкъӕйттӕ фӕцардысты, уыдонӕн балӕвар кӕндзысты финансон фӕрӕзтӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0c/0d/31306723_126:0:1230:828_1920x0_80_0_0_dc05b4431aad6990e6a30a5c3cbf3a9d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, хицауад
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, хицауад
Сергей Меняйло сдзуапп кодта республикӕйы цӕрджыты фарстытыл
ЦХИНВАЛ, 13 дек - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ацыд "Комкоммӕ лини" республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлоимӕ. Регионы разамонӕг дзуапп кодта цӕрджыты фарстытыл цыппар сахаты дӕргъы.
Уыцы рӕстӕгмӕ колл-центр бакуыста 247 ӕрбадзырдыл, "комкоммӕ лини"-йы анонсӕй фӕстӕмӕ та ӕдӕппӕт ӕрбацыд 1200 хъусинаджы. Сергей Меняйло баныфсӕвӕрдта, зӕгъгӕ, цӕрджыты фарстытӕй кӕдоныл нӕ бантыст сдзуапп кӕнын, уыдон иууылдӕр ӕрвыст ӕрцӕудзысты республикон ӕмӕ муниципалон органтӕм, цӕмӕй сыл бакусой.
Цӕгат Ирыстоны цӕрджыты фарстыты фылдӕр хай баст уыдысты ЦКХ, уӕлбартӕ, ахуырад, цӕрӕнуат, фӕндӕгтӕ ӕмӕ куысты бынӕттимӕ.
Афтӕ ма Сергей Меняйло дзырд радта сӕххӕст кӕнын ӕхсӕз сывӕллоны ногазон бӕллицы.
Эфиры кӕрон Меняйло фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Бинонты азы кӕрон 25, 50, 60 ӕмӕ фылдӕр азы цы ӕмкъӕйттӕ фӕцардысты, уыдонӕн балӕвар кӕндзысты финансон фӕрӕзтӕ.