Къуайсайы нæй проблемæтæ хæлцад æмæ хостæй ифтонгкæнынадимæ – Дзауы районы разамонæг

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæХостæ
Хостæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik. Дзауы районы сæргълæууæг Тыбылты Ванда радзырдта Sputnik-æн, Къуайсайы нырма кæй нæ уыд проблемæтæ хæлцад æмæ хостæй ифтонгкæнынадимæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзæр боныгъæды тыххæй фæндаг дæр куы сæхгæны, уæд хæлцад дуканиты вæййы 3-4 бонмæ, уый фæстæ транспортон бастдзинад дæр сцалцæг кæнынц.
Цхинвалмæ рынчынты æвæстиатæй куы хъæуы арвитын, уæд фæндагон службæтæ оперативонæй ссыгъдæг кæнынц фæндæгтæ.
"Махмæ æрæджы уыд иу рынчын Синагуры хъæуæй фæндаг æхгæд куы уыд, уæд. Фæндагон службæтæ æнæхъæн æхсæв куыстой, цæмæй ссыгъдæг кæной фæндаг, æмæ нын тагъд рæстæджы фæстæ бантыст аласын рынчыны Цхинвалмæ", - бафтыдта Дзауы районы сæргълæууæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0