https://sputnik-ossetia.com/20241218/khussar-iry-khitsauad-rakhitsan-kodta-2-miluan-somy-barts-nogazon-madzalttan-syvallattan-31376352.html
Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта 2 милуан сомы бӕрц ногазон мадзӕлттӕн сывӕллӕттӕн
Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта 2 милуан сомы бӕрц ногазон мадзӕлттӕн сывӕллӕттӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад ӕртыццӕджы рабадтыл аскъуыддзаг кодта рахицӕн кӕнын финансон фӕрӕзтӕ республикӕйы сывӕллӕттӕ... 18.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-18T15:09+0300
2024-12-18T15:09+0300
2024-12-18T15:09+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры хицауад
ног аз
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/781/08/7810804_0:109:3072:1837_1920x0_80_0_0_472d6f22de9f0bb19f3a901616e41fc1.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад ӕртыццӕджы рабадтыл аскъуыддзаг кодта рахицӕн кӕнын финансон фӕрӕзтӕ республикӕйы сывӕллӕттӕ ӕмӕ фӕсивӕдӕн ногазон мадзӕлттӕ ауадзынӕн.Хуссар Ирыстоны финансты министр бахахх кодта, Цхинвалы Театралон фӕзуаты сӕйраг назбӕласы бӕрӕгбонон бакондӕн рахицӕн кодтой 882 мин сомы бӕрц, сывӕллӕттӕн ралӕуд "Ногазон серпантин" ауадзынӕн та 1 милуан 77 мин сомы.Афтӕ ма министрты кабинет рахицӕн кӕндзӕн финансон фӕрӕзтӕ ногазон мадзӕлттӕн республикӕйы районты.Тадтаты Дзамболаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Дзауы районы администраци горӕт Къуайсаимӕ райсдзӕн 150 мин сомы, Знауыры, Ленингоры ӕмӕ Цхинвалы районты администрацитӕ та фӕйнӕ 100 мин сомы.Финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕндзысты хицауады фӕсауӕрцон фондӕй.
https://sputnik-ossetia.com/20241218/khussar-iry-30-ama-31-dekabr-uydzysty-ulaft-bonta-31367673.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/781/08/7810804_251:0:2982:2048_1920x0_80_0_0_adfb63b3823629c61000d38967432d01.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры хицауад, ног аз
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры хицауад, ног аз
Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта 2 милуан сомы бӕрц ногазон мадзӕлттӕн сывӕллӕттӕн
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад ӕртыццӕджы рабадтыл аскъуыддзаг кодта рахицӕн кӕнын финансон фӕрӕзтӕ республикӕйы сывӕллӕттӕ ӕмӕ фӕсивӕдӕн ногазон мадзӕлттӕ ауадзынӕн.
Хуссар Ирыстоны финансты министр бахахх кодта, Цхинвалы Театралон фӕзуаты сӕйраг назбӕласы бӕрӕгбонон бакондӕн рахицӕн кодтой 882 мин сомы бӕрц, сывӕллӕттӕн ралӕуд "Ногазон серпантин" ауадзынӕн та 1 милуан 77 мин сомы.
Афтӕ ма министрты кабинет рахицӕн кӕндзӕн финансон фӕрӕзтӕ ногазон мадзӕлттӕн республикӕйы районты.
Тадтаты Дзамболаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Дзауы районы администраци горӕт Къуайсаимӕ райсдзӕн 150 мин сомы, Знауыры, Ленингоры ӕмӕ Цхинвалы районты администрацитӕ та фӕйнӕ 100 мин сомы.
Финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕндзысты хицауады фӕсауӕрцон фондӕй.