https://sputnik-ossetia.com/20241220/gagloyty-alan-raarfa-kodta-paddzakhadon-khakhkhanynady-sluzhbayy-kusdzhytan-31403824.html
Гаглойты Алан раарфӕ кодта Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕн
Гаглойты Алан раарфӕ кодта Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik. Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕн уагдоны сӕвзӕрды 23-ӕм афӕдзыбоны фӕдыл. 20.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-20T15:15+0300
2024-12-20T15:15+0300
2024-12-20T15:15+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0c/14/31403010_0:42:800:492_1920x0_80_0_0_3d43ef90a29d78952103286dfc83a613.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik. Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕн уагдоны сӕвзӕрды 23-ӕм афӕдзыбоны фӕдыл.Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы сӕвзӕрды бон республикӕйы нысан кӕнынц 21 декабры. Бӕрӕгбоны хӕдразмӕ паддзахады сӕргълӕууӕг бацыд тыхон структурӕйы бӕстыхаймӕ.Гаглойты Алан ма бузныг загъта уагдоны ветерантӕн, афтӕ ма ссардта Фыдыбӕстӕйы зынгхуыст хъайтарты рухс нӕмттӕ.Президент схорзӕхджын кодта Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы хуыздӕр кусджыты майдантӕй: "Защитнику Отечества", "В ознаменование 15-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии" ӕмӕ "За службу во благо мира в Южной Осетии".
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0c/14/31403010_45:0:756:533_1920x0_80_0_0_9c34441dd2e52cf5dcd24903f9677bd9.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
Гаглойты Алан раарфӕ кодта Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕн
ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik. Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕн уагдоны сӕвзӕрды 23-ӕм афӕдзыбоны фӕдыл.
Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы сӕвзӕрды бон республикӕйы нысан кӕнынц 21 декабры. Бӕрӕгбоны хӕдразмӕ паддзахады сӕргълӕууӕг бацыд тыхон структурӕйы бӕстыхаймӕ.
"Ӕз хъуыды кӕнын Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы сӕвзӕрды бон. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сымах ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕнут уӕ разы лӕууӕг хӕслӕвӕрдтӕ", - загъта президент.
Гаглойты Алан ма бузныг загъта уагдоны ветерантӕн, афтӕ ма ссардта Фыдыбӕстӕйы зынгхуыст хъайтарты рухс нӕмттӕ.
Президент схорзӕхджын кодта Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы хуыздӕр кусджыты майдантӕй: "Защитнику Отечества", "В ознаменование 15-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии" ӕмӕ "За службу во благо мира в Южной Осетии".