Хуссар Иры сывӕллӕттӕн цӕттӕ кӕнынц ногазон мадзӕлттӕ

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры сывӕллӕттӕн цӕттӕ кӕнынц ногазон мадзӕлттӕ
Хуссар Иры сывӕллӕттӕн цӕттӕ кӕнынц ногазон мадзӕлттӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны райдыдтой цӕттӕ кӕнын ногазон мадзӕлттӕм. Цхинвалы пресс-конференцийы рӕстӕджы республикӕйы ахуырад ӕмӕ зонады министры хӕдивӕг Галуанты Александр радзырдта, министрад кӕй сорганизаци кӕндзӕн сывӕллӕтты сфӕлдыстады Галуанимӕ иумӕ ӕрвылазон "Ногазон назбӕлас".

"Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ цӕудзысты сывӕллӕтты сфӕлдыстады Галуаны. Уымӕй дарддӕр, 27 декабры 14.00 сахатыл ацӕудзӕн "Ногазон назбӕлас" Цхинвалы скъола-интернаты", - загъта Галуанты Александр.

Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны режиссер Дзигойты Маринайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ногазон мадзӕлттӕм Галуаны педагогтӕн ис бӕрнон ахаст.
Дзигойты Марина бафтыдта, зӕгъгӕ, "Ногазон назбӕлас"-ы ралӕудтӕ цӕудзысты 2-ӕй 8-ӕм январмӕ, 3 январы та ацӕудзӕн Президентон назбӕлас.
© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры сывӕллӕттӕн цӕттӕ кӕнынц ногазон мадзӕлттӕ
Пресс-конференция с Александром Галавановым и Мариной Дзигоевой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2024
Хуссар Иры сывӕллӕттӕн цӕттӕ кӕнынц ногазон мадзӕлттӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0