https://sputnik-ossetia.com/20241223/tskhinvaylag-skola-rmbyrd-kodta-khkhuys-so-yy-khstontn-31425910.html
Цхинвайлаг скъола æрæмбырд кодта æххуыс СÆО-йы хæстонтæн
Цхинвайлаг скъола æрæмбырд кодта æххуыс СÆО-йы хæстонтæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы фыццæгæм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ æмæ дирекци хайад райстой акцийы "Æппæтдæр фронтæн, æппæтдæр... 23.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-23T17:18+0300
2024-12-23T17:18+0300
2024-12-24T11:49+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0c/17/31424584_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_c13958898ae5f56aaf020b869ac2d136.jpg
ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы фыццæгæм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ æмæ дирекци хайад райстой акцийы "Æппæтдæр фронтæн, æппæтдæр уæлахизæн", æмæ æрæмбырд кодтой ногазон лæвæрттæ æмæ гуманитарон æххуыс сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хæстонтæн.Директоры ныхæстæм гæсгæ, æрмæбырдгонд дзауматæ æмæ хæлцадон продукттæ арвитдзысты 4-æм æфсæддон базæйы хæстонтæн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
Цхинвайлаг скъола æрæмбырд кодта æххуыс СÆО-йы хæстонтæн
17:18 23.12.2024  (Ранӕуӕггонд: 11:49 24.12.2024) ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы фыццæгæм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ æмæ дирекци хайад райстой акцийы "Æппæтдæр фронтæн, æппæтдæр уæлахизæн", æмæ æрæмбырд кодтой ногазон лæвæрттæ æмæ гуманитарон æххуыс сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хæстонтæн.
"Мах фехъусын кодтам æххуыс æмбырд кæныны тыххæй æппæт кълæстæ æмæ ныййарджыты къордтæн. Сывæллæттæ хастой фыстæджытæ хъарм арфæтимæ. Ныййарджытæ активон æрбаиу сты акцимæ æмæ хастой æнæмæнгхъæугæ æрмæджытæ фронтмæ", - радзырдта скъолайы директор Гобозты Русудан.
Директоры ныхæстæм гæсгæ, æрмæбырдгонд дзауматæ æмæ хæлцадон продукттæ арвитдзысты 4-æм æфсæддон базæйы хæстонтæн.
"Махыл дæр ацы трагеди бандæвта. Нæ раздæры ахуырдзау æмæ дыууæ ныры скъоладзауы ныййарджытæ фæмард сты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Хæстон архæйдтыты зонæйы кæй ныййарджытæ сты, уыдон сывæллæтты цæстысыгтæм кæсын зын у. Фæлæ мах алцыдæр аразæм, цæмæй балæууæм сæ фарсмæ", - бафтыдта Гобозты Русудан.