https://sputnik-ossetia.com/20241224/khussar-iry-khakhkhnynady-ministrady-khatdzgt-skodtoy-2024-azn-31436524.html
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады хатдзæгтæ скодтой 2024 азæн
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады хатдзæгтæ скодтой 2024 азæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады коллегийы уæрæх рабадты рæстæджы хатдзæгтæ скодтой уагдоны архайдæн 2024... 24.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-24T17:34+0300
2024-12-24T17:34+0300
2024-12-25T09:31+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
хъахъхъæнынады министрад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0c/18/31439396_0:42:800:492_1920x0_80_0_0_389f01cb0c592fd610db3bd1983afd8d.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады коллегийы уæрæх рабадты рæстæджы хатдзæгтæ скодтой уагдоны архайдæн 2024 азы.Мадзал хайад райстой Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, парламенты спикер Мæргъиты Алан æмæ республикæйы тыхон структурæты разамонджытæ.Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг, гвардийы булкъон Сабанты Инал йæ доклады банысан кодта, 2024 аз Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты кæй уыд пайдаджын æмæ продуктивон."Ныфс мæ ис, уагдоны иумæйаг куыст республикæйы разамынд æмæ тыхон структурæтимæ кæй ратдзæн импульс национ æфсады райрæзтæн", - фехъусын кодта министр.Сабанты Иналæй дарддæр докладтимæ ралæууыдысты уагдоны сæргълæууæджы хæдивджытæ. Уыдон радзырдтой паддзахады разамонæг æмæ æрæмбырдуæджытæн Хъахъхъæнынады министрады алгъуызон дæлхайæдты архайдыл 2024 азы.Æппæт докладтæм байхъусыны фæстæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан банысан кодта, ныры геополитикон уавæрты националон æдасдзинад æххæст кæныны фарстытæн кæй ис егъау нысаниуæг.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0c/18/31439396_45:0:756:533_1920x0_80_0_0_9d679386234c252d3619780671346678.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, хъахъхъæнынады министрад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, хъахъхъæнынады министрад
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады хатдзæгтæ скодтой 2024 азæн
17:34 24.12.2024 (Ранӕуӕггонд: 09:31 25.12.2024) ЦХИНВАЛ, 24 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады коллегийы уæрæх рабадты рæстæджы хатдзæгтæ скодтой уагдоны архайдæн 2024 азы.
Мадзал хайад райстой Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, парламенты спикер Мæргъиты Алан æмæ республикæйы тыхон структурæты разамонджытæ.
Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг, гвардийы булкъон Сабанты Инал йæ доклады банысан кодта, 2024 аз Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты кæй уыд пайдаджын æмæ продуктивон.
"Ныфс мæ ис, уагдоны иумæйаг куыст республикæйы разамынд æмæ тыхон структурæтимæ кæй ратдзæн импульс национ æфсады райрæзтæн", - фехъусын кодта министр.
Сабанты Иналæй дарддæр докладтимæ ралæууыдысты уагдоны сæргълæууæджы хæдивджытæ. Уыдон радзырдтой паддзахады разамонæг æмæ æрæмбырдуæджытæн Хъахъхъæнынады министрады алгъуызон дæлхайæдты архайдыл 2024 азы.
Æппæт докладтæм байхъусыны фæстæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан банысан кодта, ныры геополитикон уавæрты националон æдасдзинад æххæст кæныны фарстытæн кæй ис егъау нысаниуæг.
"Мах зонæм, коллективон Ныгуылæн Америкæйы иугонд штатты сæргълæудæй кæй фæнд кæны аразын æндыгъд уавæр, уый фæдыл мах хъуамæ алцыдæр аразæм, цæмæй уавæр стабилон уа. Уый нысанæн хъæуы фæтыхджындæр кæнын æмархайд куыд Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты æхсæн, афтæ Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадимæ дæр. Уый фæдыл стыр нысаниуæг ис Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн æфсæддон-техникон æмгуыстады фæдыл бадзырды ратификацийæн" - радзырдта президент.