https://sputnik-ossetia.com/20241224/tsgat-iry-tob-svrdtoy-kriptomayningyl-31431889.html
Цæгат Иры тобæ сæвæрдтой криптомайнингыл
Цæгат Иры тобæ сæвæрдтой криптомайнингыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik. Уæрæсейы хицауад тобæ сæвæрдта криптовалютæйы майнингыл бæстæйы фараст регионы, хъусын кæны РИА Новости. 24.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-24T12:30+0300
2024-12-24T12:30+0300
2024-12-24T15:14+0300
цӕгат ирыстон
уӕрӕсейы
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/550/63/5506386_0:9:3625:2048_1920x0_80_0_0_1e326f1971938651d9daecf0de4041e6.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik. Уæрæсейы хицауад тобæ сæвæрдта криптовалютæйы майнингыл бæстæйы фараст регионы, хъусын кæны РИА Новости.Арæнæвæрдтæ сæ тыхы бахиздзысты 2025 азы 1 январæй æмæ архайдзысты 2031 азы онг.Цæгат Ирыстонæй дарддæр, криптомайнингæй архайыныл тобæ сæвæрдтой Дагестан, Мæхъæл, Цæцæн, Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкеси, Луганскы Адæмон Республикæ, Донецкы Адæмон Республикæ, Херсоны æмæ Запорожаг областты. Хъармгæнæн сезоны дæргъы майнингыл рæстæгмæ тобæ сæвæрдзысты æртæ регионы – Буряти, Иркутскы област æмæ Фæсбайкалы край.Уæрæсейы 2024 азы 1 ноябрæй цифрон валютæ майнинг кæныныл архайыны бар ис куыд юридикон, афтæ физикон гоймæгтæн дæр. Фæлæ ахæм архайды хъæуы электроэнергийы егъау хæрдзтæ.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/550/63/5506386_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_5abfc4d7ad6dbb54086481d05d1aafda.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон, уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ
Цæгат Иры тобæ сæвæрдтой криптомайнингыл
12:30 24.12.2024 (Ранӕуӕггонд: 15:14 24.12.2024) ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik. Уæрæсейы хицауад тобæ сæвæрдта криптовалютæйы майнингыл бæстæйы фараст регионы, хъусын кæны РИА Новости.
Арæнæвæрдтæ сæ тыхы бахиздзысты 2025 азы 1 январæй æмæ архайдзысты 2031 азы онг.
Цæгат Ирыстонæй дарддæр, криптомайнингæй архайыныл тобæ сæвæрдтой Дагестан, Мæхъæл, Цæцæн, Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкеси, Луганскы Адæмон Республикæ, Донецкы Адæмон Республикæ, Херсоны æмæ Запорожаг областты. Хъармгæнæн сезоны дæргъы майнингыл рæстæгмæ тобæ сæвæрдзысты æртæ регионы – Буряти, Иркутскы област æмæ Фæсбайкалы край.
Уæрæсейы 2024 азы 1 ноябрæй цифрон валютæ майнинг кæныныл архайыны бар ис куыд юридикон, афтæ физикон гоймæгтæн дæр. Фæлæ ахæм архайды хъæуы электроэнергийы егъау хæрдзтæ.