Цхинвалы сфӕлыстой сӕйраг ногазон назбӕлас

© Sputnik / Олег РепуховЦхинвалы сфӕлыстой сӕйраг ногазон назбӕлас
Цхинвалы сфӕлыстой сӕйраг ногазон назбӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сфӕлыстой сӕйраг ногазон назбӕлас столицӕйы Театралон фӕзуатыл, фехъусын кодта Цхинвалы администрацийы пресс-службӕ.
Ацы аз республикӕйы столицӕйы сӕвӕрдтой Кърозы хъӕуӕй ӕрласгӕ удӕгас назбӕлас.
"Зынаргъ ӕмбӕлттӕ, мах балхынцъ кодтам сӕйраг назбӕласы фӕлындын, афтӕ ма срӕсугъд кодтам Театралон фӕзуат. Нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, тынг аив рацыд", - банысан кодтой администрацийы.
Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, республикӕйы цӕрджытӕм ма ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы иу сюрприз.
Уӕ зӕрдыл уын бадарӕм, Хуссар Ирыстоны сӕйраг назбӕлас бакӕныны бӕрӕгбонон церемони кӕй ацӕудзӕн 26 декабры.
Ног хабӕртты лентӕ
0