https://sputnik-ossetia.com/20241226/tsgat-iry-kukhdariugad-bakhkhuys-kndzn-zyngsirvzty-ppt-zianbayyafdzhytn-31458861.html
Цæгат Иры къухдариуæгад баххуыс кæндзæн зынгсирвæзты æппæт зианбаййафджытæн
Цæгат Иры къухдариуæгад баххуыс кæндзæн зынгсирвæзты æппæт зианбаййафджытæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 дек - Sputnik. Цæгат Иры къухдариуæгад баххуыс кæндзæн базарадон центр "Алания Молл"-ы срæмыгъд æмæ зынгсирвæзты фæстиуæгæн æппæт зианбаййафджытæн... 26.12.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-12-26T12:15+0300
2024-12-26T12:15+0300
2024-12-26T12:15+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0c/1a/31455495_0:183:2994:1867_1920x0_80_0_0_6e8c0c56e7330814af5df7082c4ae287.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 дек - Sputnik. Цæгат Иры къухдариуæгад баххуыс кæндзæн базарадон центр "Алания Молл"-ы срæмыгъд æмæ зынгсирвæзты фæстиуæгæн æппæт зианбаййафджытæн. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ Telegram-каналы.Дзæуджыхъæуы знон 8.30 сахатыл базардон центр "Алания Молл"-ы æрцыд зынгсирвæзт. Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) бæрæггæнæнтæм гæсгæ, иу адæймаг фæмард, дыууæ та райстой буары цæфтæ. Республикæйы сæргълæууæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы базарадон центры срæмыгъд æмæ зынгсирвæзт фæзынд æнæпилотон тæхæг аппараты хæйтты æрхауыны фæстиуæгæн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0c/1a/31455495_132:0:2863:2048_1920x0_80_0_0_364963ff8e4b076ec384a3bacf2c36da.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, хицауад
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, хицауад
Цæгат Иры къухдариуæгад баххуыс кæндзæн зынгсирвæзты æппæт зианбаййафджытæн
ЦХИНВАЛ, 26 дек - Sputnik. Цæгат Иры къухдариуæгад баххуыс кæндзæн базарадон центр "Алания Молл"-ы срæмыгъд æмæ зынгсирвæзты фæстиуæгæн æппæт зианбаййафджытæн. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ Telegram-каналы.
"Фæмардуæвæг сылгоймаджы бинонтæн ратдзысты иу милуан сомы. Бæстыхайы хицауимæ кусæм мадзæлттыл, цæмæй баххуыс кæнæм базарадон центры арендатортæн", - ныффыста Меняйло.
Дзæуджыхъæуы знон 8.30 сахатыл базардон центр "Алания Молл"-ы æрцыд зынгсирвæзт. Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) бæрæггæнæнтæм гæсгæ, иу адæймаг фæмард, дыууæ та райстой буары цæфтæ. Республикæйы сæргълæууæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы базарадон центры срæмыгъд æмæ зынгсирвæзт фæзынд æнæпилотон тæхæг аппараты хæйтты æрхауыны фæстиуæгæн.