Хуссарирыстойнаг парти "Ныхас" ауагъта къорд акцийы Ног азмæ

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæНог аз
Ног аз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.12.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны ацыд æрвылазон акци, сорганизаци йæ кодтой парти "Ныхас"-ы фæсивæдон хайад æмæ активисттæ. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта партийы сæргълæууæг Бесаты Зита.
"Ног азмæ сывæллæттæн балхæдтам аст минæй фылдæр лæвары. Ныридæгæн сæ райдыдтой дæттын низæфхæрд сабитæн. Алкæцы хæдзармæ дæр бацæуынц Митын Дада æмæ Митын Чызг партийы фæсивæдон хайадæй. Афтæ ма уыдон бацæудзысты рынчындонмæ æмæ раарфæ кæндзысты сывæллæттæн", - загъта Бесаты Зита.
Уымæй даддæр скъолатæ æмæ сабидæтты куырдиæттæй балхæдтой назбæлæстæ æмæ хъазæнтæ.
Бесаты Зита ма бафтыдта, парти кæй балхæдта 200 тоннæйы ссад æмæ йæ ратдзысты цæрджытæн Ног азмæ. Афтæ ма традицимæ гæсгæ финанстæ рахицæн кодтой ПТРК "Ир"-ы проект "Торжество единства"-йæн.
Партийы разамонæг бахахх кодта, зæгъгæ, ацы аз техникон зындзинæдты тыххæй нæ бантыст бакæнын ихылбырæн фæз.
Ног хабӕртты лентӕ
0