Парти "Иугонд Ирыстон" ауагъта хæрзаудæн акци Хуссар Иры сидзæр сывæллæттæн
© Sputnik / Сергей ПятаковНог аз
© Sputnik / Сергей Пятаков
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Томайты Аманда. Ног азы размæ "Иугонд Ирыстон" сорганизаци кодта традицион ногазон хæрзаудæн акци æмæ раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны социалон уагдæтты сывллæттæн. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта партийы разамонæг Бибылты Ацæмæз.
© Photo : Партия "Единая Осетия"Парти "Иугонд Ирыстон" ауагъта хæрзаудæн акци Хуссар Иры сидзæр сывæллæттæн
Парти "Иугонд Ирыстон" ауагъта хæрзаудæн акци Хуссар Иры сидзæр сывæллæттæн
© Photo : Партия "Единая Осетия"
"Нæ ногазон акци сорганизаци кодтам Цхинвал æмæ Дзауы скъола-интернаттæ æмæ Ленингоры сывæллæтты хъомылгæнинæгтæн, афтæ ма сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстонты сывæллæттæн. Нæ парти йæ сæвзæрдæй фæстæмæ аразы хæрзаудæн акцитæ Зонындзинæдты бон æмæ Ног азмæ", - загъта Бибылты Ацæмæз.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, алкæцы лæвар дæр сæхи къухтæй æрæмбырд кодтой партийы фæсивæдон хайады минæвæрттæ.
Бибылты Ацæмæз бафтыдта, зæгъгæ, парти "Иугонд Ирыстон"-ы минæвæрттæ цыппæрæмæй фæстæмæ райдыдтой дæттын лæвæрттæ сывæллæттæн районты.