https://sputnik-ossetia.com/20250108/khussarirystoynag-sportsment-rambyldtoy-sygzrin-maydant-erysty-rog-atletiky-31563530.html
Хуссарирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ ерысты рог атлетикæйæ
Хуссарирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ ерысты рог атлетикæйæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 янв — Sputnik. Æвзонг хуссарирыстойнаг спортсментæ æнтыстджын архайд скотой Цæгат Ирыстоны ерысты рог атлетикæйæ. Уый тыххæй хъусын кæны фæсивæдон... 08.01.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-01-08T17:20+0300
2025-01-08T17:20+0300
2025-01-08T17:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/01/08/31562402_0:234:960:774_1920x0_80_0_0_13580a9fc2ce09038836388e75a47cfe.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 янв — Sputnik. Æвзонг хуссарирыстойнаг спортсментæ æнтыстджын архайд скотой Цæгат Ирыстоны ерысты рог атлетикæйæ. Уый тыххæй хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.Ерысты хайад истой 2012, 2013 æмæ 2014 азты гуырд спортсментæ.Иттæг хорз йæхи равдыста Бестауты Алим, уый рамбылдта фыццаг бынæттæ дыууæ дистанцийы: 50 æмæ 200 метры. Ноджы ма иу спортсменкæ республикæйæ Коцты Анастасия бацахста фыццаг бынат 50 метрмæ згъорынæй æмæ дæргъмæ гæпп кæнынæй.Спортсменты бацæттæ кодтой Гæззаты Аслан æмæ Дыгъуызты Алан.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/01/08/31562402_0:144:960:864_1920x0_80_0_0_1a30d5896a1917ac6cd8d8faf9f6e7ac.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссарирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой сыгъзæрин майдантæ ерысты рог атлетикæйæ
ЦХИНВАЛ, 8 янв — Sputnik. Æвзонг хуссарирыстойнаг спортсментæ æнтыстджын архайд скотой Цæгат Ирыстоны ерысты рог атлетикæйæ. Уый тыххæй хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.
Ерысты хайад истой 2012, 2013 æмæ 2014 азты гуырд спортсментæ.
Иттæг хорз йæхи равдыста Бестауты Алим, уый рамбылдта фыццаг бынæттæ дыууæ дистанцийы: 50 æмæ 200 метры. Ноджы ма иу спортсменкæ республикæйæ Коцты Анастасия бацахста фыццаг бынат 50 метрмæ згъорынæй æмæ дæргъмæ гæпп кæнынæй.
Спортсменты бацæттæ кодтой Гæззаты Аслан æмæ Дыгъуызты Алан.