https://sputnik-ossetia.com/20250110/tsagat-iry-khautam-arbazdakhynts-medikty-paddzakhadon-programmatam-31577289.html
Цӕгат Иры хъӕутӕм ӕрбаздахынц медикты паддзахадон программӕты фӕлгӕтты
Цӕгат Иры хъӕутӕм ӕрбаздахынц медикты паддзахадон программӕты фӕлгӕтты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны "Земский доктор" ӕмӕ "Земский фельдшер" программӕты фӕлгӕтты ацы аз фӕнд кӕнынц куыстмӕ бакӕнын 24 дохтыры ӕмӕ 2... 10.01.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-01-10T10:21+0300
2025-01-10T10:21+0300
2025-01-10T12:20+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/927/08/9270812_0:0:1401:788_1920x0_80_0_0_21ff803376e42087a3f9464d64860f45.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны "Земский доктор" ӕмӕ "Земский фельдшер" программӕты фӕлгӕтты ацы аз фӕнд кӕнынц куыстмӕ бакӕнын 24 дохтыры ӕмӕ 2 фельдшеры, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, программӕты фӕлгӕтты уыдзӕн финансон ӕххуыс дӕр.Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, программӕйы реализацийы рӕстӕджы бантыст ӕрбаздахын 200 медицинон специалисты хъӕуты кусынӕн. Программӕйы фӕлгӕтты медиктӕ хъуамӕ фӕкусой хъӕуты фондз азы дӕргъы. Фӕлӕ Сергей Меняйлойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, специалистты фылдӕр хай баззайынц сӕ куысты бынӕтты сӕ контрактты фӕстӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/927/08/9270812_174:0:1225:788_1920x0_80_0_0_f6255759104d13a963ca5e97c3b27cd3.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, хицауад
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, хицауад
Цӕгат Иры хъӕутӕм ӕрбаздахынц медикты паддзахадон программӕты фӕлгӕтты
10:21 10.01.2025 (Ранӕуӕггонд: 12:20 10.01.2025) ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны "Земский доктор" ӕмӕ "Земский фельдшер" программӕты фӕлгӕтты ацы аз фӕнд кӕнынц куыстмӕ бакӕнын 24 дохтыры ӕмӕ 2 фельдшеры, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, программӕты фӕлгӕтты уыдзӕн финансон ӕххуыс дӕр.
"Проекты хайадисты руаджы медиктӕ райсдзысты ӕхцайы мотиваци: дохтыртӕ – фӕйнӕ милуан сомы, фельдшертӕ – фӕйнӕ 500 мин сомы", - ныффыста Меняйло йӕ Telegram-каналы.
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, программӕйы реализацийы рӕстӕджы бантыст ӕрбаздахын 200 медицинон специалисты хъӕуты кусынӕн. Программӕйы фӕлгӕтты медиктӕ хъуамӕ фӕкусой хъӕуты фондз азы дӕргъы. Фӕлӕ Сергей Меняйлойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, специалистты фылдӕр хай баззайынц сӕ куысты бынӕтты сӕ контрактты фӕстӕ.