Цхинвалы дыууæ цæрæджы фæхъæстæ сты газæй

© Sputnik / Павел ЛисицынЦхинвалы дыууæ цæрæджы фæхъæстæ сты газæй
Цхинвалы дыууæ цæрæджы фæхъæстæ сты газæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.01.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Цхинвалы дыууæ цæрæджы фæхъæстæ сты газæй, фехъусын кодта республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, газæй фæхъæстæйы фæдыл милицимæ информаци æрбацыд цыппæрæмы.
"Цауы бынатмæ ацыд МХМ фæдагуырдон-оперативон къорд æмæ сбæрæг кодта зианбаййафджыты гоймагдзинад – уыдон уыдысты Цхинвалы 66-аздзыд цæрæг сылгоймаг æмæ 13-аздзыд лæппу", - дзырдæуы хъусинаджы.
Министрады банысан кодтой, зианбаййафджыты кæй бакодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0