Æхсæз украинæйаг арæнхъахъхъæнæджы сæхи радтой уацары УФ Гарзджын тыхтæн

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæÆхсæз украинæйаг арæнхъахъхъæнæджы сæхи радтой уацары УФ Гарзджын тыхтæн
Æхсæз украинæйаг арæнхъахъхъæнæджы сæхи радтой уацары УФ Гарзджын тыхтæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.01.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik. Украинæйы Паддзахадон арæнгæрон службæйы æхсæз кусæджы сæхи радтой уацары Уæрæсейы Гарзджын тыхтæн Цыппурсы хæдразмæ, хъусын кæны РИА Новости.
"Украинæйаг арæнхъахъхъæнджытæ сæхи радтой уацары Белгороды областимæ арæны цур. Уыдон раст бакодтой æмæ баззадысты удæгасæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уацары сæхи радтой: прапорщик Ярослав Шевелюк, арæнхъахъхъæнæн службæйы уæлдæр къæпхæны инспектор Руслан Задорожный, арæнхъахъхъæнæн службæйы 3-аг категорийы инспектор Александр Бычко, арæнхъахъхъæнæн службæйы 2-аг категорийы инспектор Сергей Греку, арæнхъахъхъæнæн службæйы 3-аг категорийы инспектор Иван Куц, арæнхъахъхъæнæн службæйы 2-аг категорийы инспектор Олег Коваль.
Ног хабӕртты лентӕ
0