Ӕртӕ уӕрӕсейаг регионы скуынӕг кодтой украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ

© Sputnik / Станислав Красильников /  Ахизын медиабанкмæУӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ
Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.01.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕвы дӕргъы ӕрыппӕрстой ӕртӕ украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты. Уый тыххӕй хъусын кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
"Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ знон ӕхсӕвы дӕргъы ӕрыппӕрстой ӕртӕ украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Орловск, Белгород ӕмӕ Липецкы областты", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Украинӕйы Гарзджын тыхтӕ ӕрвылбон фӕлварынц атакӕ кӕнын ӕнӕпилотон тӕхӕг аппаратты руаджы Уӕрӕсейы арӕнгӕрон ӕмӕ централон регионты объекттӕ. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕнтыстджынӕй куынӕг кӕнынц знаджы дронтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0