https://sputnik-ossetia.com/20250115/gagloyty-alan-khayad-raysta-urseyy-fs-arnkhakhkhnn-ftkdaruaty-khygdon-mbyrdy-31636990.html
Гаглойты Алан хайад райста Уæрæсейы ФÆС Арæнхъахъхъæнæн фæткдаруаты хыгъдон æмбырды
Гаглойты Алан хайад райста Уæрæсейы ФÆС Арæнхъахъхъæнæн фæткдаруаты хыгъдон æмбырды
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райста Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) Арæнхъахъхъæнæн фæткдаруаты... 15.01.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-01-15T14:46+0300
2025-01-15T14:46+0300
2025-01-15T14:46+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/01/0f/31635699_67:185:686:533_1920x0_80_0_0_9792bc15ff93e6567cd303a72632d3df.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райста Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) Арæнхъахъхъæнæн фæткдаруаты хыгъдон æмбырды.Æмбырдмæ æрбацыд Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов дæр. Арæнхъахъхъæнæн фæткдаруаты хистæр Владимир Щемелины доклады фæстæ Гаглойты Алан раныхас кодта æрæмбырдуæвджыты раз.Президент бахахх кодта, зæгъгæ, 2024 азы дæр арæнхъахъхъæнджытæ равдыстой удуæлдай куыст æмæ профессионализм, аиуварс кодтой бирæнымæц фæткхæлдтæ.Гаглойты Алан бафтыдта, зæгъгæ, уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæн ис уæрæх бастдзинæдтæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнхъахъхъæнæн службæимæ, уыдон иумæ реализаци кæнынц хæслæвæрдтæ арæн хъахъхъæнын æмæ регионы æдасдзинад æххæст кæныны фæдыл.Марат Кулахметов йæхирдыгæй бузныг загъта Уæрæсейы æддагполитикон хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæныны тыххæй æмæ банысан кодта, бæстæйы къухдариуæгад бæрзонд аргъ кæй кæны арæнхъахъхъæнджыты архайдæн сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы арæнты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/01/0f/31635699_323:176:799:533_1920x0_80_0_0_5981d32045f1af6f90174e5563fed1fa.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
Гаглойты Алан хайад райста Уæрæсейы ФÆС Арæнхъахъхъæнæн фæткдаруаты хыгъдон æмбырды
ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райста Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) Арæнхъахъхъæнæн фæткдаруаты хыгъдон æмбырды.
Æмбырдмæ æрбацыд Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов дæр. Арæнхъахъхъæнæн фæткдаруаты хистæр Владимир Щемелины доклады фæстæ Гаглойты Алан раныхас кодта æрæмбырдуæвджыты раз.
Президент бахахх кодта, зæгъгæ, 2024 азы дæр арæнхъахъхъæнджытæ равдыстой удуæлдай куыст æмæ профессионализм, аиуварс кодтой бирæнымæц фæткхæлдтæ.
"Сымах æрвылбон дæр хъахъхъæнут нæ республикæйы æмбæстæгты æддагон тæссагдзинæдтæй", - загъта президент.
Гаглойты Алан бафтыдта, зæгъгæ, уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæн ис уæрæх бастдзинæдтæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнхъахъхъæнæн службæимæ, уыдон иумæ реализаци кæнынц хæслæвæрдтæ арæн хъахъхъæнын æмæ регионы æдасдзинад æххæст кæныны фæдыл.
Марат Кулахметов йæхирдыгæй бузныг загъта Уæрæсейы æддагполитикон хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæныны тыххæй æмæ банысан кодта, бæстæйы къухдариуæгад бæрзонд аргъ кæй кæны арæнхъахъхъæнджыты архайдæн сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы арæнты.