Хуссар Иры сӕйраг библиотекӕ хатдзӕгтӕ скодта 2024 азӕн

© Sputnik / Михаил АвагимовАнахарсисы номыл Республикон национ библиотекӕ
Анахарсисы номыл Республикон национ библиотекӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.01.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik, Томайты Аманда. Анахарсисы номыл Республикон национ библиотекӕ хатдзӕгтӕ скодта 2024 азы куыстӕн. Билиотекӕйы директор Гуыцмӕзты Инна радзырдта Sputnik-ӕн сӕйраг ӕнтыстытӕ ӕмӕ фидӕны нывӕстытыл.
"2024 азы нӕм уыд Козаты Исидоры аз. Хъыгагӕн, ацы аз ацыд ӕрмӕстдӕр поэтикон изӕр ӕмӕ ууыл алцыдӕр фӕцис", - загъта директор.
Уымӕй дарддӕр 2024 азы цаутӕй Гуыцмӕзты Инна рахицӕн кодта Анна Ахматовайӕн нывонд поэтикон изӕртӕ, афтӕ ма прессӕйыл ӕрвылмӕйон афӕлгӕст. Афтӕ ма директор радзырдта библиотекӕйы киноравдыстты тыххӕй, фӕлӕ уыдонмӕ нырма бирӕнымӕц адӕм нӕ цӕуынц.
Гуыцмӕзты Инна бахахх кодта, библиотекӕтӕ кӕй ивынц нырыккон дунейы.
"Библиотекӕты куыст ивы, ардӕм чингуытӕ фӕрсынмӕ бирӕ адӕм нал цӕуынц, уымӕн ӕмӕ ныртӕккӕ чингуытӕ ссарӕн ис интернеты дӕр. Фӕлӕ мӕн уӕддӕр тынг фӕнды, цӕмӕй нӕ библиотекӕйы фонд цифровизаци ӕрцӕуа. Фыццаджыдӕр, цӕмӕй нын уой нӕхи бафысджытӕ онлайн-тыгъдады, дыккаджы та, цӕмӕй бавӕрӕм ацы фонд, уымӕн ӕмӕ бирӕ чингуытӕ сты тынг мӕгуырау уавӕры", - бафтыдта директор.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, библиотекӕ ног аз фӕнд кӕны бакӕнын чингуыты клуб, цы ран кӕсджытӕн фадат уыдзӕн ӕрныхас кӕнын чингуытыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0