Цхинвалы агурынц горӕты цӕрӕг сылгоймагӕй хӕзнатӕ адавджыты

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.01.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 янв - Sputnik. Милицийы кусджытӕ агурынц Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕг сылгоймагӕй ювелирон хӕзнатӕ адавӕг гоймӕгты, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Сылгоймаг радзырдта, хӕзнатӕ йӕ фатерӕй кӕй фесӕфтысты фарон декабры.

"Зианы суммӕ рацыд 250 мин сомы", - банысан кодтой министрады.

Уагдоны бахахх кодтой, милицийы кусджытӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ мадзӕлттӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц фыдгӕнджыты ссарыны фӕдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0