Цӕгат Иры дыууӕ музейӕн балхӕндзысты ног ифтонггарз

© Sputnik / Natalia AiriyanТугъанты Махарбеджы номыл аивадон Музей
Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон Музей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.01.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны хицауад рахицӕн кӕндзӕн авд милуан сомы, цӕмӕй балхӕной ног ифтонггарз Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон Музейӕн ӕмӕ театралон аивады Музейӕн, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Ацы аз музейтӕ райстой паддзахадон ӕххуыс националон проект "Бинонты" хайадисты тыххӕй.

"Ног ифтонггарз ратдзӕн фылдӕр фадӕттӕ равдыстытӕ ӕмӕ мадзӕлттӕ уадзынӕн", - ныффыста Меняйло йӕ telegram-каналы.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыууӕ культурон тыгъдад дӕр сты тынг популярон республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджыты ӕхсӕн. Сергей Меняйло бафтыдта, зӕгъгӕ, музейтӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0