https://sputnik-ossetia.com/20250124/tskhinvaly-razdary-turbazayy-tsardzhytima-fembaldysty-administratsi-ama-uum-minavartta-31735813.html
Цхинвалы раздӕры Турбазӕйы цӕрджытимӕ фембӕлдысты администраци ӕмӕ УУМ минӕвӕрттӕ
Цхинвалы раздӕры Турбазӕйы цӕрджытимӕ фембӕлдысты администраци ӕмӕ УУМ минӕвӕрттӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 янв – Sputnik. Цхинвалы зынгсирвӕзты фӕстӕ раздӕры Турбазӕйы бӕстыхайы уӕлхӕдзар сцалцӕг кӕндзысты, цӕмӕй цӕрджытӕн уа цӕрыны фадӕттӕ, цалынмӕ сын... 24.01.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-01-24T15:02+0300
2025-01-24T15:02+0300
2025-01-24T15:02+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уум
цхинвалы администраци
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/01/18/31735157_0:0:1281:720_1920x0_80_0_0_663f430a58dfde378a020947bae1a332.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 янв – Sputnik. Цхинвалы зынгсирвӕзты фӕстӕ раздӕры Турбазӕйы бӕстыхайы уӕлхӕдзар сцалцӕг кӕндзысты, цӕмӕй цӕрджытӕн уа цӕрыны фадӕттӕ, цалынмӕ сын ног цӕрӕнуат радтой, уӕдмӕ, фехъусын кодта журналисттӕн Хуссар Ирыстоны столицӕйы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.Зынгсирвӕзт ӕрцыд цыппӕрӕмы изӕры Турбазӕйы уӕлхӕдзары. Абон горӕты администраци ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) минӕвӕрттӕ фембӕлдысты цӕрджытимӕ.Афтӕ ма Гӕбӕраты Алан схуыдта вазыгджын проблемӕ раздӕры Турбазӕйы цӕрджытӕн ног цӕрӕнуат дӕттыны фарст.Цыбыр аныдзӕвды фӕдыл верси не сфидар ис, зынгсирвӕзты дырыс аххосаг Уӕлвӕткон уавӕрты министрад нырма нӕ фехъусын кодта."Зынгсирвӕзты бынаты ссардӕуыд доны бак ӕмӕ электрон радиатор. Ныртӕккӕ куыст дарддӕр цӕуы цауы бынаты", - фехъусын кодта министрады тыхты фӕткдаруаты центры хистӕры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Мулдарты Денис.Зынгфӕдисонты оперативон архайды руаджы арт бантыст ахуыссын кӕнын цыбыр ӕмгъуыдмӕ, цауы бынаты куыстой техникӕйы фондз иуӕджы ӕмӕ 15 адӕймаджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/01/18/31735157_92:0:1052:720_1920x0_80_0_0_6d47ba4548d8fb243948b411397d4f83.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уум, цхинвалы администраци
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уум, цхинвалы администраци
Цхинвалы раздӕры Турбазӕйы цӕрджытимӕ фембӕлдысты администраци ӕмӕ УУМ минӕвӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 24 янв – Sputnik. Цхинвалы зынгсирвӕзты фӕстӕ раздӕры Турбазӕйы бӕстыхайы уӕлхӕдзар сцалцӕг кӕндзысты, цӕмӕй цӕрджытӕн уа цӕрыны фадӕттӕ, цалынмӕ сын ног цӕрӕнуат радтой, уӕдмӕ, фехъусын кодта журналисттӕн Хуссар Ирыстоны столицӕйы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.
Зынгсирвӕзт ӕрцыд цыппӕрӕмы изӕры Турбазӕйы уӕлхӕдзары. Абон горӕты администраци ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) минӕвӕрттӕ фембӕлдысты цӕрджытимӕ.
"Электроифтонгад ныридӕгӕн сцалцӕг кодтам, ныр скъуыддзаг цӕуы донифтонгады фарст. Ӕввахс рӕстӕджы райдайдзыстӕм цалцӕг кӕнын уӕлхӕдзар", - загъта горӕты мэр.
Афтӕ ма Гӕбӕраты Алан схуыдта вазыгджын проблемӕ раздӕры Турбазӕйы цӕрджытӕн ног цӕрӕнуат дӕттыны фарст.
"Къамис кусы. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, проблемӕ хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын афтӕ – рахицӕн кӕнын ног хӕдзары иу подъезд ӕмӕ байуарын фатертӕ цӕрӕнуаты уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын кӕмӕ ӕмбӕлы, уыцы цӕрджытыл", - загъта мэр.
Цыбыр аныдзӕвды фӕдыл верси не сфидар ис, зынгсирвӕзты дырыс аххосаг Уӕлвӕткон уавӕрты министрад нырма нӕ фехъусын кодта.
"Зынгсирвӕзты бынаты ссардӕуыд доны бак ӕмӕ электрон радиатор. Ныртӕккӕ куыст дарддӕр цӕуы цауы бынаты", - фехъусын кодта министрады тыхты фӕткдаруаты центры хистӕры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Мулдарты Денис.
Зынгфӕдисонты оперативон архайды руаджы арт бантыст ахуыссын кӕнын цыбыр ӕмгъуыдмӕ, цауы бынаты куыстой техникӕйы фондз иуӕджы ӕмӕ 15 адӕймаджы.