Хуссар Иры 2024 азы æфтиæгтæ рацыдысты 26 милуан сомы фылдæр нысангонд нывæстæй

© Sputnik / Михаил АвагимовХицауады рабадт
Хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.01.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хисæрмагонд æфтиæгтæ ивгъуыд аз уыдысты иу миллиард 846 милуан сомы бæрц, уый 26 милуан сомы фылдæр у нысангонд бæрæггæнæнтæй. Уый тыххæй фехъусын кодта финансты министр Тадтаты Дзамболат президент Гаглойты Аланы къухдариуæгады бын уæрæх рабадты рæстæджы.
Паддзахады сæргълæууæг ауагъта фыццаг егъау рабадт ацы аз хицауады уæнгтæ, горæттæ æмæ районты сæргълæуджытæ æмæ æппæт уагдæтты разамонджытимæ.
"Æфтиæгтæн фидаргонд уыд 9 миллиард 133 милуан сомы, хардз та æрцыд 9 миллиард 159 милуан сомы. Уыдонæй бюджеты хисæрмагонд æфтиæгтæ сты иу миллиард 846 милуан сомы, нывæсты та уыд иу миллиард 830 милуан сомы", - загъта Тадтаты Дзамболат.
Ног хабӕртты лентӕ
0