Хуссар Иры æмбырд кæнынц æрмæджытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты тыххæй

© Sputnik / Сергей ПятаковФыстæг фронтæй
Фыстæг фронтæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.01.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik, Томайты Аманда. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 80 азы юбилейы бæрæгбонмæ цæттæкæнынады фæлгæтты Хуссар Ирыстоны мыхуыр æмæ информацийы комитет райдыдта æмбырд кæнын архивон æрмæджытæ ветеранты тыххæй. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта республикæйы мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария.
"Хъыгагæн нæм удæгас ветерантæ нал ис, фæлæ нæ фæнды ссарын хъæуты кардзыд адæмы, цæмæй нын радзурой сæ мысинæгтæ: чи цыд фронтмæ, цал адæймаджы фесæфтысты æбæрæгæй æмæ нал æрыздæхтысты", - загъта комитеты разамонæг.
 Уӕлахизы бӕрӕгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.01.2025
Путины барлӕвӕрд: Уӕлахизы 80 азы юбилеймӕ фиддонтӕ райсдзысты Хуссар Иры цӕрджытӕ дӕр
Комитеты сæйраг проекттæй иу уыдзæн ветерантæ æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджытæн нывонд чиныджы рауагъд.
"Чиныг рацæудзæн азы дæргъы, уымæн æмæ æрмæджытæ æмбырд кæнын у тынг уæззау хæслæвæрд. Мах чиныг рауадздзыстæм Ростовы, цæмæй рацæуа рæсугъд форматы", - банысан кодта Хъотайты Мария.
Ветеранты тыххæй æрæмбырдгонд историтæ мыхуыр цæдзысты Дзыллон информацион фæрæзты сæрмагонд рубрикæты, афтæ ма уадздзысты фембæлдтæ ветеранты бинонтимæ, бафтыдта комитеты сæргълæууæг.
Хъотайты Мария фехъусын кодта, документтæ, къамтæ æмæ æндæр информаци æрбахæссын хъæуы мыхуыр æмæ информацийы комитетмæ кусгæ бонты.
Ног хабӕртты лентӕ
0