https://sputnik-ossetia.com/20250205/tskhinvaly-fandzam-astaukkag-skola-raysta-nyrykkon-laboratoron-kompleks-31882823.html
Цхинвалы фӕндзӕм астӕуккаг скъола райста нырыккон лабораторон комплекс
Цхинвалы фӕндзӕм астӕуккаг скъола райста нырыккон лабораторон комплекс
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik. Цхинвалы Мамсыраты Хадзы-Умары номыл фӕндзӕм астӕуккаг скъола райста нырыккон мобилон лабораторон комплекс "Биологи", йӕ аргъ у... 05.02.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-02-05T16:18+0300
2025-02-05T16:18+0300
2025-02-05T16:18+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
мæскуы
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/44/80/448044_0:540:5184:3456_1920x0_80_0_0_06b8cead8004065ec0d8aaddc5f16013.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik. Цхинвалы Мамсыраты Хадзы-Умары номыл фӕндзӕм астӕуккаг скъола райста нырыккон мобилон лабораторон комплекс "Биологи", йӕ аргъ у милуан фондз сӕдӕ мин сомы бӕрц. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы.Нырыккон комплекс радтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Мӕскуыйы хицауады ӕхсӕн бадзырды фӕлгӕтты. Уыцы бадзырд ӕххӕст ӕрцыд Хуссар Ирыстоны минӕварады ӕмархайдӕй президент Гаглойты Аланы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ.Комплексы ис ноутбуктӕ, микроспкотӕ, адӕймаджы буары модель, лабороторон ифтонггарз ӕмӕ алыгъуызон инструменттӕ.Скъолайы директор Туаты Мӕдинӕ загъта бузныг президент Гаглойты Аланӕн ахӕм зынаргъ лӕвары тыххӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/44/80/448044_576:0:5184:3456_1920x0_80_0_0_925192c150fd1bf1337f7f3194c4d023.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, мæскуы, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, мæскуы, ахуырад
Цхинвалы фӕндзӕм астӕуккаг скъола райста нырыккон лабораторон комплекс
ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik. Цхинвалы Мамсыраты Хадзы-Умары номыл фӕндзӕм астӕуккаг скъола райста нырыккон мобилон лабораторон комплекс "Биологи", йӕ аргъ у милуан фондз сӕдӕ мин сомы бӕрц. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы.
Нырыккон комплекс радтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Мӕскуыйы хицауады ӕхсӕн бадзырды фӕлгӕтты. Уыцы бадзырд ӕххӕст ӕрцыд Хуссар Ирыстоны минӕварады ӕмархайдӕй президент Гаглойты Аланы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ.
Комплексы ис ноутбуктӕ, микроспкотӕ, адӕймаджы буары модель, лабороторон ифтонггарз ӕмӕ алыгъуызон инструменттӕ.
Скъолайы директор Туаты Мӕдинӕ загъта бузныг президент Гаглойты Аланӕн ахӕм зынаргъ лӕвары тыххӕй.