Цхинвалы сбӕлвырд кодтой ӕнӕзакъонон амалиуӕгадон архайд

© Photo : МВД Республики Южная ОсетияЦхинвалы сбӕлвырд кодтой ӕнӕзакъонон амалиуӕгадон архайд
Цхинвалы сбӕлвырд кодтой ӕнӕзакъонон амалиуӕгадон архайд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.02.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik. Цхинвалы районы экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тох кӕныны фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ ссардтой ӕнӕзакъонон алкоголон продукци "ТЭК"-ы базары. Уый тыххӕй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Цхинвалы 34-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг ӕххӕст кодта амалиуӕгадон архайд ӕнӕ лицензийӕ, оперативон кусджытӕ дзы райстой арахъхъы авгтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Фӕткхалӕджы фӕдыл сарӕзтой административон протокол, хъуыддаджы ӕрмӕджы бадӕттой тӕрхондонмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0