https://sputnik-ossetia.com/20250206/khussar-ir-ama-uarase-tsatta-kanynts-respublikayy-ekonomikon-rayrazty-nog-programma-31894959.html
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсе цӕттӕ кӕнынц республикӕйы экономикон райрӕзты ног программӕ
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсе цӕттӕ кӕнынц республикӕйы экономикон райрӕзты ног программӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстон цӕттӕ кӕнынц республикӕйы экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг ног программӕ. Уый тыххӕй... 06.02.2025 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2025-02-06T10:10+0300
2025-02-06T10:10+0300
2025-02-06T10:10+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы
хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/02/05/31891051_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_f0aac4202c5cf5adc45f14fa697f216c.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстон цӕттӕ кӕнынц республикӕйы экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг ног программӕ. Уый тыххӕй хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ уынаффӕйы ӕмбырды рӕстӕджы фехъусын кодта Уӕрӕсейы экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг Дмитрий Вольвач.Уӕрӕсейаг чиновник фехъусын кодта, фарсыты раз кӕй лӕууы ахсджиаг хӕс – саразын ног паддзахадон программӕ 2026-2030 азтӕм.Дмитрий Вольвач бахахх кодта, зӕгъгӕ, алкӕцы къабазы дӕр хъӕуы рахицӕн кӕнын сӕйраг проекттӕ ӕмӕ сын хъӕуы бакӕнын административон, финансон ӕмӕ кредитон ӕххуыс. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фадат ратдзӕн саразын ног компетенцитӕ, фӕфылдӕр кӕнын куысты мыздтӕ ӕмӕ саразын уавӕртӕ ацы проектты чи архайдзӕн, уыдонӕн.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2025
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e9/02/05/31891051_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_f90df08897d82ac9e58e5bc7edc91fd0.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы, хицауад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы, хицауад
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсе цӕттӕ кӕнынц республикӕйы экономикон райрӕзты ног программӕ
ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстон цӕттӕ кӕнынц республикӕйы экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг ног программӕ. Уый тыххӕй хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ уынаффӕйы ӕмбырды рӕстӕджы фехъусын кодта Уӕрӕсейы экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг Дмитрий Вольвач.
Уӕрӕсейаг чиновник фехъусын кодта, фарсыты раз кӕй лӕууы ахсджиаг хӕс – саразын ног паддзахадон программӕ 2026-2030 азтӕм.
Дмитрий Вольвач бахахх кодта, зӕгъгӕ, алкӕцы къабазы дӕр хъӕуы рахицӕн кӕнын сӕйраг проекттӕ ӕмӕ сын хъӕуы бакӕнын административон, финансон ӕмӕ кредитон ӕххуыс. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фадат ратдзӕн саразын ног компетенцитӕ, фӕфылдӕр кӕнын куысты мыздтӕ ӕмӕ саразын уавӕртӕ ацы проектты чи архайдзӕн, уыдонӕн.
"Нӕ хӕс у раст саразын ацы документ. Мах хъуамӕ ӕмбарӕм бӕрндзинад нӕ скъуыддзӕгты фӕдыл: кӕдӕм цӕуынц фӕрӕзтӕ ӕмӕ цы эффект ӕрхӕсдзӕн республикӕйы экономикӕйӕн", - загъта Вольвач.