Владимир Путин раарфӕ кодта Гаглойты Аланӕн йӕ райгуырӕн боны фӕдыл

Гаглойты Алан ӕмӕ Марат Кулахметов
Гаглойты Алан ӕмӕ Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.02.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Гаглойты Аланӕн йӕ райгуырӕн боны фӕдыл, хъусын кӕны паддзахады разамонӕджы пресс-службӕ.
Гаглойты Аланыл цыппӕрӕмы сӕххӕст 44 азы. Уӕрӕсейы президенты номӕй арфӕйы тел радта республикӕйы сӕргълӕууӕгӕн Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
"Бӕрзонд аргъ кӕнӕм хӕларадон ахастытӕн нӕ бӕстӕты ӕхсӕн. Мах, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адарддӕр кӕндзыстӕм куыст актуалон фарстыты фӕдыл Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕмы хӕрзӕбонӕн", - дзырдӕуы арфӕйы телы.
Уымӕй дарддӕр Марат Кулахметов радта Гаглойты Аланӕн арфӕйы телтӕ Уӕрӕсейы хицауады сӕрдар Михаил Мишустин ӕмӕ ӕдасдзинады советы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Дмитрий Медведевӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0