Хирург Цыбырты Георгий ногæй сараздзæн операцитæ Цхинвалы

© Sputnik / Аманда ТомаеваЦыбырты Георгий
Цыбырты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.02.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Зындгонд ирон дохтыр-ортопед Цыбырты Георгий ацы аз ногæй æрцæудзæн Цхинвалмæ, цæмæй сараза хирургон операцитæ. Уый уыдзæн йе ‘ртыккаг кусæгон балц Хуссар Ирыстонмæ. Ацы бонты Цыбырты Георгий Цхинвалы сарæзта операцитæ æмæ райста консультацитæм пациентты.
Медик йæхæдæг радзырдта Sputnik-æн, кæй фæнд кæны æрцæуын марты райдианы.
"Фидæн операцион сесси фæнд кæнын ауадзын 3 марты. Датæ равзæрста Иркутскæй пациенты бинонтæ, æз та алыхатт дæр байхъусын пациентты фæндонмæ. Уыдон мæ сæхæдæг ссардтой, рацыдысты консультаци æмæ сæ бафæндыд саразын операци Хуссар Ирыстоны, уымæн æмæ фехъуыстой медицинæйы бæрзонд æмвæзады тыххæй республикæйы", - банысан кодта Цыбырты Георгий.
Дохтыр фæнд кæны йæ кусæгон балцы рæстæджы саразын минимум цыппар операцийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0