Хицауад ӕрдзырдта Хуссар Иры социалон-экономикон рӕзтӕн ахъазгӕнӕг программӕйыл

© Sputnik / Михаил АвагимовХицауады рабадт
Хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.02.2025
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 фев - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Джуссойты Константин ӕрсидты хицауады уӕнгтӕм, цӕмӕй бӕрнон ахаст дарой 2026-2030 азтӕм республикӕйы социалон-экономикон рӕзты Паддзахадон программӕйы арӕзтадмӕ.
Хицауад цыппӕрӕмы ӕрдзырдта экономикӕйы министрад бирӕ рӕстӕг цӕуыл куыста, уыцы программӕйы проектыл. Хицауады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, зӕгъгӕ, программӕ хъуамӕ уа максималон эффективон, йӕ сӕйраг здӕхтыты ӕхсӕн та хъуамӕ уой хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ туризм.
Экономикон райрӕзты министр Хъотайты Сӕрмӕт радзырдта ног программӕйы нысӕнтты тыххӕй, се ‘хсӕн: экономикон райрӕзтӕн ӕмбӕлон темптӕ сӕххӕст кӕнын, туристон-рекреацион комплексы ӕмӕ сӕудӕджерадон потенциалы райрӕзт, фӕфылдӕр кӕнын агросӕудӕджерадон комплексы эффективондзинад.
Уымӕй дарддӕр программӕйы ахсджиаг нысан у фӕхуыздӕр кӕнын ахуырад ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады гъӕд ӕмӕ социалон инфраструктурӕйы рӕзт.
Хицӕн хъусдард здӕхт уыдзӕн республикӕйы цифрон технологитӕ ӕрфидар кӕнынмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0